dcsimg

Чиндзи ( osset )

fornì da wikipedia emerging languages

Чиндзи[1][2][3] кæнæ тымбыл хъонтхора, дыгуронау кендзе (лат. Coriandrum sativum, уырыс. Кориандр) у популярон цæхæрадоны кæрдæг. Ацы кæрдæгæй адæм рагæй базыдтой, игæрæй маст æддæмæ кæй тæры, уый. Йæ мыггæгтæ йын амонынц С-авитаминозы (цингайы) ныхмæ. Хосæн хорз сты йæ цъæх сыфтæ. Бафтауынц сæ алыхуызон салаттыл, бутербродтыл æмæ дзидзайæ конд алыхуызон хæринæгтыл. Йæ мыггæгтæй дзæвгар хъæздыгдæр свæййынц аджикæ, цæхджынтæ, маринадтæ. Сты «Хмели-Сунелийы» ахсджиаг æфтауæн.

Чиндзийы нæмгуытæ дæттынц зынаргъ зети — уымæй пайда кæнынц техникæ æмæ парфюмерийы.

Чиндзийы дидинджытæ æвзæры бирæ нектар, уымæй мыдыбындзытæ кæнынц адджын æмæ рæсугъд сырхбын мыд.

Фиппаинæгтæ

  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. I-æм том. 596 ф.
  2. Техов Ф.Д. Названия растений в осетинском языке. Издательство «Ирыстон», Цхинвали
  3. Дзабиты 3арбег. Ирон адæмон хостæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1995 — 201 ф.
licensa
cc-by-sa-3.0
drit d'autor
Wikipedia authors and editors

Чиндзи: Brief Summary ( osset )

fornì da wikipedia emerging languages

Чиндзи кæнæ тымбыл хъонтхора, дыгуронау кендзе (лат. Coriandrum sativum, уырыс. Кориандр) у популярон цæхæрадоны кæрдæг. Ацы кæрдæгæй адæм рагæй базыдтой, игæрæй маст æддæмæ кæй тæры, уый. Йæ мыггæгтæ йын амонынц С-авитаминозы (цингайы) ныхмæ. Хосæн хорз сты йæ цъæх сыфтæ. Бафтауынц сæ алыхуызон салаттыл, бутербродтыл æмæ дзидзайæ конд алыхуызон хæринæгтыл. Йæ мыггæгтæй дзæвгар хъæздыгдæр свæййынц аджикæ, цæхджынтæ, маринадтæ. Сты «Хмели-Сунелийы» ахсджиаг æфтауæн.

Чиндзийы нæмгуытæ дæттынц зынаргъ зети — уымæй пайда кæнынц техникæ æмæ парфюмерийы.

Чиндзийы дидинджытæ æвзæры бирæ нектар, уымæй мыдыбындзытæ кæнынц адджын æмæ рæсугъд сырхбын мыд.

licensa
cc-by-sa-3.0
drit d'autor
Wikipedia authors and editors