dcsimg

Мæргътæ ( Ossetian; Ossetic )

provided by wikipedia emerging languages

Маргъ, цъиу, бирæон нымæц: мæргътæ, цъиутæ (лат. Aves) у рагъыстæгджын цæрæгойты хъармтуг айкæфтауæгты кълас, сæ минæвæрттæ хицæн кæнынц уымæй, æмæ сæ буар вæййы базыртæй конд æмæ сæ раззаг уæнгтæ сты ивд тæхыны фæрæзтæм — базыртæм (кæцы мæргъты хуызтæ нæ зонынц тæхын, уыдон сты æнæ райхæлгæ базыртæ).

Фыццагæй дæр мæргъты буар уыди тæхынхъом арызт, фæлæ ныр ис бирæ æнæтæхæг мæргътæ. Ноджы ма иу хицæнгæнæн миниуæг у — бырынкъ (цъиубырынкъ).

Зæххыл абоны онг ис 9792 алыхуызон мæргътæ (2007 азы рардтæм гæсгæ), Уæрæсейы сæ ис — 657 ахстонгæнæг хуызы, фæлæ иууыл-иумæ та дзы нысангонд сты 789 хуызы, се ’хсæн 125, кæдонæн с’ ахстонгæнæн æвдыст нæу, æмæ 7 та быныскъуыд хуызы. Мæргътæ сты цыппарвадонты уæлкъласы æппæты æндæрхуызондæр къорд. Мæргътæ бынат кæнынц Зæххы къорийы алы экосистемæйы дæр Арктикæйæ Антарктикæмæ.

Зонад, кæцы иртасы мæргъты æмæ цъиуты хуыйны орнитологи.

Этимологи

Ныхас «маргъ» цæуы ирайнаг *mrga-мæ, нысан кæны "маргъ". Абар. перс. murγ, (диал.) marγ "маргъ", пехл. murγ "маргъ"; перс. murγābī, курд. mirāwī "бабыз" (доны маргъ), бел. murg, murγ; афгъ. marγa marγə "маргъ", пам.сгл. mərγōk, marγōk "сырддонцъиу".[1]

Фиппаинæгтæ

  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. II-æм том
license
cc-by-sa-3.0
copyright
Wikipedia authors and editors

Мæргътæ: Brief Summary ( Ossetian; Ossetic )