dcsimg

Мугæ ( Osetçe )

wikipedia emerging languages tarafından sağlandı
 src=
Мугæйы сыфтæр æмæ дыргътæ

Мугæ (дыгуронау могæ, хуссар ныхасыздæхтыты мантъылы‎[1] дæр) у дыргъхæссæг бæлас. Латинаг классификацимæ гæсгæ ацы ботаникон хуызы ном у Mespilus. Уырыссагау хуыйны мушмула.

Мугæ дих кæнынц дыууæ хуызыл: гермайнаг (иуæй-иу ахуыргæндтæ равзарынц кавказаг мугæ дæр) æмæ америкаг Mespilus canescens (сырх дыргътимæ).

Æппæты хуыздæр зайæн бынат 500-1500 метры денджызы æмвæзæй уæлдæр. Фæлæ æстæм хатт уымæй уæлдæр бынаты дæр фæзайы. Кæны урс дидинæг.

Дыргътæ

Мугæйы дыргътæ сты морæ, сæ диаметр у 2—3 см. Фæлæ ис ахæм хуыз мугæ, æмæ йæ дыргъты диаметр у 7 см. Иу бæлас фæдæтты 12-16 киломæ ’ввахс дыргътæ.

Мугæйы дыргъты ис бирæ адæмы пайдайæн буаргъæдтæ, ахæмтæ куыд фруктозæ, глюкозæ, каротин, витамин C æмæ æндæртæ. Мугæйы дыргътæ пайда кæнынц сæн æмæ ликёр уадзынæн дæр.

Фиппаинæгтæ

  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. II-æм том
lisans
cc-by-sa-3.0
telif hakkı
Wikipedia authors and editors

Мугæ: Brief Summary ( Osetçe )

wikipedia emerging languages tarafından sağlandı
 src= Мугæйы сыфтæр æмæ дыргътæ

Мугæ (дыгуронау могæ, хуссар ныхасыздæхтыты мантъылы‎ дæр) у дыргъхæссæг бæлас. Латинаг классификацимæ гæсгæ ацы ботаникон хуызы ном у Mespilus. Уырыссагау хуыйны мушмула.